Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:18 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Ӕфсымӕрты тас бацыд, Йосефы хӕдзармӕ сӕ куы бакодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджыты дӕр нын байсдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕфсымӕрты тас бацыд, Йосефы хӕдзармӕ сӕ куы бакодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджыты дӕр нын байсдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:18
20 Iomraidhean Croise  

Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуыдӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм».


Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ голладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дзы йе ’взист куы ауынид.


Йе ’фсымӕртӕм дзуры: «Ме ’взист мӕм фӕстӕмӕ раздӕхти. Мӕнӕ ма — мӕ голладжы ис». Ӕфсымӕртӕ хорзау нал фесты ӕмӕ, сӕхимидӕг баризгӕйӕ, дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы кӕны?»


Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр.


Уыйадыл сӕ уый Йосефы хӕдзармӕ акодта.


Къӕсӕры раз Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты:


Нӕ голджыты комы цы ссардтам, суанг дӕм уый дӕр Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рбахастам, уӕд не ’лдары хӕдзарӕй куыд хъуамӕ радавӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕрин?


Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.


Дӕ бар цӕуы бон ӕмӕ ӕхсӕвыл; хур ӕмӕ мӕй Ды сфӕлдыстай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan