Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:43 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

43 Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:43
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Фараон Йосефӕн загъта: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ амӕй фӕстӕмӕ Мысыры зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух дӕр ничиуал батилдзӕни, къахдзӕф дӕр ничиуал акӕндзӕни».


«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,


Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Ӕууӕнкджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныууадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.


Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.


Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ».


Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.


Зондджын мӕгуыр лӕг суанг ахӕстонӕй дӕр рухсмӕ рацӕуы ӕмӕ паддзахы бынат бацахсы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan