Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 38:24 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

24 Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 38:24
32 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».


Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕмӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай».


Симеон ӕмӕ йын Левий дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?»


Иудӕ загъта: «Йӕхицӕн уадзӕд уӕдӕ уыцы дзауматӕ, кӕннод фӕхудинаг уыдзыстӕм. Ӕз ын сӕныкк арвыстон, фӕлӕ йӕ ды не ссардтай. Гъемӕ фӕуӕд афтӕ!»


Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan