Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 37:14 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 37:14
22 Iomraidhean Croise  

Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.


Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелайы быдыры, Мамрейы ныхмӕ (ныр Хеврон чи хуыйны, уый), цы лӕгӕт ис, уым, Ханааны зӕххыл.


Амарди Кирйат-Арбайы (ома Хевроны), Ханааны зӕххыл. Авраам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл.


Бафарста ма сӕ: «Дзӕбӕх, ӕнӕниз у?» Дзуапп та йын радтой: «Дзӕбӕх у. Уартӕ йӕ чызг Рахел фосимӕ ӕрбацӕуы».


Йаков ӕрцыди йӕ фыд Исаакмӕ Мамремӕ. Уый ис Кирйат-Арбамӕ (ома Хевронмӕ) хӕстӕг. Авраам ӕмӕ Исаак кӕддӕр уым ӕрцардысты.


ӕмӕ, фӕссахар йе ’фсымӕрты агурӕг куыд фӕцӕйцыд, афтӕмӕй йыл иу чидӕр амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?»


Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».


Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»


Йӕ хоры нӕмыг цӕссыгкалгӕйӕ чи байтыдта, уыдон цины зарджытимӕ исдзысты сӕ тыллӕг!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan