Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 35:9 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 35:9
17 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Мамрейы тулдзджыны цур Дунедарӕг ӕргом рацыд Аврааммӕ, ӕмбисбоны ӕнтӕфы йӕ цатыры къӕсӕры раз куы бадти, уӕд.


Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.


Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн.


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Дунедарӕг Йаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ».


Йаков дарддӕр араст ис йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл амбӕлдысты Хуыцауы зӕдтӕ.


Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan