Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:4
23 Iomraidhean Croise  

«Дӕ хорзӕхӕй, ӕрбайхъус нӕм, нӕ хицау! Мах дӕ нымайӕм Хуыцауы барджын лӕгыл, ӕмӕ нӕ зӕппӕдзты хуыздӕры бавӕр дӕ усы. Уый тыххӕй дын махӕй ничи бавгъау кӕндзӕни йӕ мыггаджы зӕппадз».


ӕмӕ Йаковмӕ бахатыди: «Уыцы сырхӕй-ма мын авӕр ӕмӕ бахӕрон, кӕннод сыдӕй фӕмӕлын». Исавы фӕстӕдӕр схуындӕуыди «Сырх», дзуттагау «Едом».


Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Исаак ын дзуапп радта: «Йаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?»


Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕрдӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу-дӕс хатты.


Дзуапп-иу ын ратт: „Уыдон дӕ цагъар Йаковы фос сты, ме ’лдар Исавӕн сӕ рарвыста лӕварӕн. Йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“».


Ныр мӕм ис галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лыстӕг фос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Ме ’лдарӕн хъусын кӕнын ацы хабар ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, йӕ хӕлардзинад мын ма бавгъау кӕнӕд!“»


Фӕлтау, ме ’лдар, ды, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм, ме ’лдар, Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ».


Исав та Йаковы бафарста: «Цы дзугтӕ федтон, уыдон та дын цы сты?» Йаков ын дзуапп радта: «Ме ’лдары зӕрдӕ балхӕнинаг сӕ дӕн».


Уымӕ гӕсгӕ Исав (ома Едом) ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.


Мӕнӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.


Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».


Дӕ паддзах дӕм куы смӕсты уа, уӕд дӕ куыстӕй ма алидз; сӕрныллӕгӕн бирӕ рӕдыдтӕ ныххатыр кӕнынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan