Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:10 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:10
33 Iomraidhean Croise  

Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин:


Авраамы цагъар скуывта: «О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй!


ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».


Йаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Дунедарӕг Йаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ».


Ныр мӕм ис галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лыстӕг фос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Ме ’лдарӕн хъусын кӕнын ацы хабар ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, йӕ хӕлардзинад мын ма бавгъау кӕнӕд!“»


Тынг фӕтарст Йаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ рӕсӕнуатыл.


Тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, Дӕ цӕстытӕ рӕстдзинадмӕ ӕркӕсӕнт.


Иунӕг Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ хъахъхъӕнӕг сис — ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн.


уӕд фӕзӕгъын: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа, цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?»


Ау, нал нӕ раздахдзынӕ цардмӕ, цӕмӕй Дӕ адӕм цин кӕной, Де семӕ кӕй дӕ, ууыл?


Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ Стыр Иунӕг Хуыцау — диссӕгтӕ фӕлдисӕг!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan