Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:17 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:17
28 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ӕй фӕрсы: «Чи дын загъта, бӕгънӕг дӕ, уый? Тобӕ дын цы бӕласӕй загътон, уымӕй ма саходай?»


Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.


Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».


Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!


Ме ’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис».


Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!


Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan