Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 29:32 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

32 Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 29:32
24 Iomraidhean Croise  

Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.


Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.


Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».


Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,


Рувим сын афтӕ: «Нӕ уын дзырдтон, уыцы лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ нӕ байхъуыстат, ӕмӕ нӕ йӕ туг истӕуы ныр».


Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ голладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дзы йе ’взист куы ауынид.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan