Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 29:25 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

25 Райсомӕй Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахелы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Райсомӕй Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахелы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 29:25
18 Iomraidhean Croise  

Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?


Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕмӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай».


Авимелех ын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Чысыл ма, ӕмӕ мӕ адӕмӕй исчи дӕ усимӕ фӕрӕдыдаид, ӕмӕ дӕу аххосӕй азымджын фӕуыдаиккам».


Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахел.


Йӕ чызг Леайӕн лӕггад кӕнынӕн Лаван радта йӕ унӕут Зилпайы.


Лаван ын загъта: «Махмӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц, кӕстӕр чызджы хистӕры разӕй моймӕ нӕ фӕдӕттынц.


Лаван Йаковы бафарста: «Уый цы бакуыстай? Хинӕй мыл цӕмӕн рацыдтӕ? Мӕ чызджыты мын дӕ разӕй, хӕсты заман уацайраг чызджыты куыд фӕтӕрынц, афтӕ ратардтай!


уый та-иу мӕ афӕлывта, иу-дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.


Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan