Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 28:4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 28:4
20 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»


Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн».


Мӕнӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Йаков ӕрбынат кодта Ханааны зӕххыл — кӕддӕр йӕ фыд кӕм ӕрцарди, уым. Йосефыл цыдис ӕвддӕс азы. Йе ’фсымӕртимӕ хызта лыстӕг фос — ӕххуыс кодта йӕ фыды устытӕ Билха ӕмӕ Зилпайы лӕппутӕн ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдмӕ ӕвзаг хаста.


Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕ хай ма фӕкӕн! Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!


цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan