Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 27:41 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

41 Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 27:41
34 Iomraidhean Croise  

Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ фӕсидти йӕ кӕстӕр фырт Йаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы,


Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ.


Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йемӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы».


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


Уыдон ӕй дардмӕ суыдтой ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой.


Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.


Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ау, ды нын паддзах уыдзынӕ? Дӕ дӕлбар уыдзыстӕм мах?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр сӕнӕуынон ис.


Йаковы мӕлӕты фӕстӕ Йосефы ӕфсымӕртӕ ныссагъӕс кодтой: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нӕм Йосеф хӕрам у, цы фыд ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн».


Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.


Мӕ фӕдыл сагъуыди знаг ӕмӕ мӕ ссӕнды, раджы чи амарди, уый хуызӕн мӕ талынгмӕ ӕппары.


Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг, Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ; Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.


Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan