Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 27:4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Мӕ уарзон хӕринаг мын сцӕттӕ кӕн, ӕмӕ дзы ӕз бахӕрон, цӕмӕй дын, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ арфӕ ракӕнон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Мӕ уарзон хӕринаг мын сцӕттӕ кӕн, ӕмӕ дзы ӕз бахӕрон, цӕмӕй дын, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ арфӕ ракӕнон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 27:4
23 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Аврам Иууылбӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Йаков ӕрбахаста дыууӕ сӕныччы, ӕмӕ Ревеккӕ скодта хӕрзад хӕринаг, Исаак куыд уарзта, афтӕ.


Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг сцӕттӕ кодта, уый дзулимӕ Йаковмӕ радта.


Йаков дзуапп радта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Цы мын загътай, уый бакодтон. Рабад, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ сырды фыдӕй саход, стӕй-иу мын саккаг кӕн дӕ арфӕ».


Нӕ йӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ йе ’фсымӕр Исавы къухтау хъуынджын уыдысты. Фӕлӕ йын цалынмӕ арфӕ нӕма ракодта,


Исаак загъта: «Ӕри-ма, дӕ сырды фыдӕй дын бахӕрон, мӕ хъӕбул, стӕй дын раарфӕ кӕндзынӕн». Йаков ын радта, ӕмӕ уый бахордта. Ӕрбахаста йын сӕн дӕр, ӕмӕ бануӕзта.


Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ дарӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ кодта: «Дунедарӕджы арфӕйы фӕрцы бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт.


Уый дӕр скодта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдмӕ йӕ бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ саход сырды фыдӕй, стӕй мын-иу саккаг кӕн дӕ арфӕ».


Ревеккӕ фехъуыста, Исаак Исавӕн цы дзырдта, уый. Исав цуаны куы ацыди,


„Сырды фыд ӕрбахӕсс ӕмӕ мын дзы хӕрзад хӕринаг скӕн, ӕз дзы бахӕрдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ дын Дунедарӕджы раз раарфӕ кӕндзынӕн“.


Цу ӕмӕ мын фосы дзугӕй дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, сӕ дзидзайӕ сын дӕ фыдӕн хӕрзад хӕринаг акӕнон, куыд уарзы, афтӕ.


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!


Йосеф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Йаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын арфӕ ракӕнон».


Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan