Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:7 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:7
15 Iomraidhean Croise  

Мысырмӕ куы баввахс ис, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу.


Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».


Фараоны барджынтӕ йӕ куы фӕфиппайдтой, уӕд дзы фараонӕн раппӕлыдысты, стӕй йын ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой.


Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“.


Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.


Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр».


Ревеккӕ уыди тынг рӕсугъд чызг, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, ахӕм. Ӕрцыди цъаймӕ ӕмӕ йӕ дурын байдзаг кодта. Фӕстӕмӕ куы фӕцӕйцыд,


Афтӕмӕй Исаак баззади Герары.


Фӕлӕ уым дзӕвгар рӕстӕг куы ацарди, уӕд иуахӕмы филистимаг паддзах Авимелех, рудзынгӕй кӕсгӕйӕ, Исаакы федта Ревеккӕимӕ хъазгӕ.


Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахелмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan