Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:31 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

31 Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:31
16 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:


ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».


Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.


Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн».


Авраам Авимелехӕн радта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ, ӕмӕ бафидыдтой.


Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн суг ныссаста ӕмӕ афтӕмӕй араст ис, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм.


Йаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Йаковӕн ауӕй кодта йӕ хистӕрад.


Уыцы бон Исаакмӕ ӕрбацыдысты йӕ цагъартӕ, цъайкъахджытӕ, ӕмӕ йын, дон ссардтам, зӕгъгӕ, фехъусын кодтой.


Цӕй ӕмӕ бафидауӕм, ӕмӕ нӕ фидыд исты нысанӕй сфидар кӕнӕм!»


Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan