Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:12 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:12
18 Iomraidhean Croise  

Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр.


Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.


Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куынӕ бахъыгдӕрдтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр».


Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.


Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ мӕхи хӕдзарӕн та кӕд кусон?»


Сидзӕртӕн — сӕ фыд, сидзӕргӕстӕн сӕ сӕрылхӕцӕг — Хуыцау Йӕ уаз цӕрӕны.


Мӕн уыдӕттӕ бамбарын фӕндыд, фӕлӕ уый тынг зын уыди,


Сӕумӕрайсом-иу мыггаг тауынмӕ рацу, изӕрыгон дӕр дӕ фӕллад ферох кӕн, уымӕн ӕмӕ тауын кӕд хуыздӕр у, уый нӕ зоныс. Чи зоны, изӕр дӕр ӕмӕ райсом дӕр, цы байтыдтай, уымӕй дӕхицӕн исты спайда кӕнай, чи зоны та ӕрмӕст изӕрӕй кӕнӕ райсомӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan