Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:7 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:7
39 Iomraidhean Croise  

Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн.


Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд


Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.


афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Уый мын загъта: „Йӕ коммӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус.


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.


Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.


Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan