Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:31 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

31 Лаван ӕм бахатыди: «Саккаг кӕн, Дунедарӕгӕй арфӕгонд лӕг! Ӕдде цӕмӕн лӕууыс? Уӕ цатыр — ӕфснайд, теуатӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодтон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Лаван ӕм бахатыди: «Саккаг кӕн, Дунедарӕгӕй арфӕгонд лӕг! Ӕдде цӕмӕн лӕууыс? Уӕ цатыр — ӕфснайд, теуатӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодтон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:31
11 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.


ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».


Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын акодтой, ӕмӕ бахордтой.


Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куынӕ бахъыгдӕрдтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр».


Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Йаковы кой куы ’рцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Йаков ын йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта,


Боаз загъта: «Дунедарӕджы арфӕ дыл сӕмбӕлӕд, мӕ къона! Амӕй размӕ фаг иузӕрдион уыдтӕ, ныр та ноджы иузӕрдиондӕр разындтӕ: хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр — ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ агурыныл не схӕцыдтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan