Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 23:4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 23:4
21 Iomraidhean Croise  

Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Хеттӕгтӕ йын загътой:


Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».


Лӕгӕт ис Ханааны зӕххыл, Мамрейы цур, кӕддӕр Авраам зиан ӕвӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы Махпелайы быдыры.


ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Уыцы быдыр кӕддӕр Авраам хеттаг Ефронӕй зиан бавӕрыны тыххӕй балхӕдта.


Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕ хай ма фӕкӕн! Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!


Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan