Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:14 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:14
28 Iomraidhean Croise  

Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд


Авраам сӕумӕраджы бацыд, айфыццаг Дунедарӕджы раз кӕм лӕууыди, уыцы бынатмӕ.


Фӕлӕ унӕуты лӕппуйӕ дӕр рауадздзынӕн стыр адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ фырт у».


Лалымы дон куы фӕци, уӕд лӕппуйы иу къудзийы бын ныууагъта,


Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ.


Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.


Уый фӕстӕ Авраам ӕрбаздӕхт йӕ цагъартӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Беер-Шевӕмӕ. Авраам баззади Беер-Шевӕйы.


Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн суг ныссаста ӕмӕ афтӕмӕй араст ис, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм.


Йе ’мбӕлццӕттимӕ дзаг фынгтыл фӕбадтысты, стӕй сӕ алчи йӕ хуыссӕн ӕрцагуырдта. Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд Авраамы цагъар бахатыди: «Ныр мӕ ауадзут ме ’лдармӕ».


йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.


Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.


Исаак уыцы цъай схуыдта Шива Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ.


Йаков сыстади сӕумӕйӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй дур райста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нысанӕн, оливӕйы сой йыл рауагъта.


ӕмӕ, фӕссахар йе ’фсымӕрты агурӕг куыд фӕцӕйцыд, афтӕмӕй йыл иу чидӕр амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?»


Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.


Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг, зардзынӕн Дын алы знӕмты ’хсӕн!


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan