Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:25 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

25 Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:25
35 Iomraidhean Croise  

Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы тыххӕй?


Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.


Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.


Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг, ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, уый.


Йӕ цатыр ис Салимы, Йӕ цӕрӕнбынат — Сионы хохыл.


Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй, кады зарджытӕй Йӕ стауӕм,


Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!


Мӕхицӕн загътон: «Хуыцау рӕстудӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн, алцӕмӕн дӕр дӕр йӕхи афон ис».


Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan