Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 15:15 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 15:15
29 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелайы быдыры, Мамрейы ныхмӕ (ныр Хеврон чи хуыйны, уый), цы лӕгӕт ис, уым, Ханааны зӕххыл.


«Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон».


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».


Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.


Уым бавӕрдтой Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы, уым бавӕрдтой Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр, ӕз та дзы бавӕрдтон Леайы.


ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Уыцы быдыр кӕддӕр Авраам хеттаг Ефронӕй зиан бавӕрыны тыххӕй балхӕдта.


Дӕ дзыхӕй цӕуы фыдгой, де ’взаг мӕнгард ныхас нывӕнды.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan