Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 13:10 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 13:10
26 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Терахы байзӕддӕгтӕ. Терахӕн райгуырди фырттӕ: Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.


Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ.


Мӕнӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы. Дӕ хорзӕхӕй, байуарӕм. Ды галиуӕрдӕм куы аздӕхай, уӕд ӕз — рахизӕрдӕм. Намӕ ды аздӕх рахизӕрдӕм, ӕз та — галиуӕрдӕм».


хӕстӕввонгӕй араст сты Содомы паддзах Берӕйы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмайы паддзах Шинавы, Цевоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзахы ныхмӕ хӕцынмӕ.


Уӕд рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмайы паддзах, Цевоимы паддзах ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзах ӕмӕ Сидимы дӕлвӕзы схӕцыдысты


Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».


Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan