Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 12:10 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 12:10
21 Iomraidhean Croise  

Стонг заман зӕххы цъар ӕмхуызонӕй ӕрӕлхъывта. Мысыры зӕххыл дӕр уавӕр карзӕй-карздӕр кодта. Йосеф байгом кодта хордӕттӕ ӕмӕ мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта.


Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.


Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мысырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Йаковы фырттӕ дӕр.


Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл.


Стонг заман афтӕ стыхджын ис, ӕмӕ зӕххыл хойраджы мур нал баззади. Мысыр ӕмӕ Ханааны адӕмтӕ батадысты фыр ӕххормагӕй.


Фӕлӕ та сӕ рӕхджы ферох сты Йӕ хъуыддӕгтӕ, Йӕ уынаффӕйы сӕххӕстмӕ Йын нал банхъӕлмӕ кастысты.


Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!


Фӕтӕгты заман иуахӕмы Израилы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ иудейаг Вифлеемӕй иу лӕг йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацӕрынмӕ ацыди Моавы быдырмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan