Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:21 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

21 Хуыцау сфӕлдыста денджызон стыр ӕбуалгъ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, ӕндӕр ахӕм змӕлӕгойтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ, ноджы ма сфӕлдыста алымыггаг мӕргътӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Хуыцау сфӕлдыста денджызон стыр ӕбуалгъ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, ӕндӕр ахӕм змӕлӕгойтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ, ноджы ма сфӕлдыста алымыггаг мӕргътӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:21
23 Iomraidhean Croise  

бон ӕмӕ ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн ӕмӕ бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ».


Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл».


Хуыцау сфӕлдыста хъӕддаг сырдты, фос ӕмӕ алы хилӕгойты, алкӕй дӕр — йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Хуыцау ӕркасти, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ — алцыдӕр уыд иттӕг хорз. Уыди изӕр, уыди райсом — ӕхсӕзӕм бон.


Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сӕнтысын кодта алы сырд ӕмӕ алы маргъ, ӕрбакодта сӕ Адаммӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕни, уый фенынмӕ. Алы цӕрӕгойыл дӕр хъуамӕ баззадаид, адӕймаг ын цы ном ратта, уый.


Алы мӕргъты мыггагӕй ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойты мыггагӕй, стырӕй, чысылӕй, демӕ наумӕ бацӕуӕнт къӕйттӕ, цӕмӕй баззайой удӕгасӕй.


Семӕ бакодтой сырд ӕмӕ фосы алы мыггагӕй, хилӕгой ӕмӕ маргъы алы мыггагӕй.


Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».


Стӕй науӕй мыггаггай рацыдысты ӕппӕт сырдтӕ, фос, мӕргътӕ ӕмӕ алы хилӕгойтӕ.


Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын.


Цот уадзут уӕдӕ, ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».


Дунедарӕджы стаут, зӕххон цӕрджытӕ, стыр кӕсӕгтӕ ӕмӕ фурды ӕрфытӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan