Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 7:9 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст, мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст, мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 7:9
36 Iomraidhean Croise  

Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр».


Уадз ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕной: «Мах дзурынмӕ дӕсны стӕм. Не ’взаг нӕ бар у — чи нын у хицау?»


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах!


Фыдгӕнджытӕ мӕ ныхмӕ куы рацӕуой мӕ буар мын аныхъуырын мондагӕй, мӕ фыдгултӕ, ме знӕгтӕ мӕм куы лӕбурой, уӕд фӕкӕлдзысты ӕмӕ ’рхаудзысты.


Фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ, о, мӕ Дунедарӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!


Тӕхудиаг у мӕгуырыл аудӕг — бӕллӕхы бон ӕй Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!


Уый дунейӕн тӕрхон кӕндзӕни ӕнӕхӕрамӕй, адӕмтӕн рахӕсдзӕни раст тӕрхон.


Дунедарӕджы уарзджытӕ, ӕнӕуынон уын уӕд фыддзинад! Уый хъахъхъӕны рӕстгӕнджыты, ӕнӕхуыцӕутты къухӕй сӕ бахизы.


Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan