1 Зарӕг. Корахы фыртты псалом.
О Хуыцау, тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, фыдзӕрдӕ адӕмимӕ быцӕуы мӕ фарсмӕ ’рбалӕуу, мӕнгард, ӕнӕраст адӕмӕй мӕ бахиз.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.
Паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд сты, сӕ ных ӕм сарӕзтой,
Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ды сын дзуапп лӕвӕрдтай ӕмӕ сын уыдтӕ бараг Хуыцау, фӕлӕ сӕ ӕфхӕрдтай сӕ рӕдыдты тыххӕй.