Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 32:11 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 32:11
18 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, нӕ адӕмы нын уацарӕй раздах, хуссары хуыскъ адӕгтӕ донӕй куыд бафсадыс, уыйау!


Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.


Давиды псалом, Авимелехы цур йӕхи ӕррайы хуызӕн куы скодта ӕмӕ йӕ уый йӕ цурӕй куы фӕсырдта, уӕд.


Дӕхӕдӕг сын стӕрхон кӕн, Хуыцау, сӕхи сӕрыл куыд ӕрцӕуой сӕ хинтӕ! Сӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты, Дӕ ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕсур!


Ды аудыс зӕххыл, донӕй йӕ ’фсадыс, дӕттыс ын бӕркад. Хуыцауы цӕугӕдон донӕй хъӕздыг у. Ды ӕрзайын кӕныс хор — ахӕм ӕгъдау радтай зӕххӕн.


Арф цъымарайы ныссагъдтӕн, ӕмӕ дзы цӕуыл ӕрлӕууон, уый нӕй. Хуыдымы бахаудтӕн, ӕмӕ мӕ тагъд аныхъуырдзӕн.


Фыдгӕнджыты хӕрам бамынӕг уӕд! Рӕстудӕн та фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ, рӕстаг Хуыцау, — Ды фӕндтӕ ӕмӕ зӕрдӕтӕ фӕлварыс.


Псалом. Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг, уымӕн ӕмӕ Уый диссӕгтӕ сарӕзта. Йӕ рахиз къухӕй, Йӕ уаз къухӕй Уый райста уӕлахиз!


Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan