Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 28:2 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн, Дунедарӕгӕн бакувут Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн, Дунедарӕгӕн бакувут Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 28:2
21 Iomraidhean Croise  

Йӕ хоры нӕмыг цӕссыгкалгӕйӕ чи байтыдта, уыдон цины зарджытимӕ исдзысты сӕ тыллӕг!


Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.


Дунедарӕджы хӕдзары, нӕ Хуыцауы кӕртыты лӕггад чи кӕны, уыдон!


Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын, кӕд сыстын, Ды дардмӕ дӕр мӕ хъуыдытӕ ӕмбарыс.


Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ къӕдзӕхтӕй ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕмӕ уӕд базондзысты, мӕ ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый.


Давиды зондамонӕн псалом. Йӕ куывд, лӕгӕты куы уыдис, уӕд. Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр кӕнын, Дунедарӕгмӕ кувын хъӕрӕй.


Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


Мӕ фыдгултыл мын ныффалгӕрон кӕн арвӕрттывдтӕй, лидзӕг сӕ фӕкӕн Дӕ фаттӕй.


Фӕлитойты бабын кӕндзынӕ Ды, марӕг ӕмӕ мӕнгардыл Дунедарӕг ӕлгъ кӕны.


Се ’взӕгтӕ карды комау сцыргъ кодтой, суагътой сӕ фаттӕ — маргӕйдзаг ныхӕстӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan