Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 26:1 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 26:1
30 Iomraidhean Croise  

Йерусалим — адӕмы иумӕ ӕмбырдгӕнӕг сахар,


Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг, мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»


Ӕз та цыма адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн: адӕмӕн — фидиссаг, дзыллӕйӕн — ӕлгъаг.


О Дунедарӕг, бафӕлвар мӕ, мӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ мын басгар!


О Дунедарӕг, сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын! Раст фӕндагыл мӕ сараз — мӕ фыдгулты фыдӕнӕн!


Дунедарӕджы хъӕлӕс арты цӕхӕртӕ рацӕгъды.


Уӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ, тӕригъӕд ма исут уӕхимӕ; уӕ хуыссӕнуаты ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрсабыр ут.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом.


О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.


Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг.


Дӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты адӕмтӕ, Ды сӕ сӕрмӕ, бӕрзонд, Дӕ паддзахы бадӕны ӕрбад!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan