Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 17:1 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 17:1
31 Iomraidhean Croise  

Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хорзӕхтӕ:


Давиды псалом. О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, ӕрдар Дӕ хъус мӕ лӕгъстӕмӕ, ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз: Ды иузӕрдыг ӕмӕ рӕстаг дӕ!


Мӕ цӕнгтӕ ивазын Дӕумӕ, донхъуаг зӕххау Дӕм тырны мӕ уд.


Давиды псалом. Арфӕгонд у Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх — мӕ къухтӕ мын цӕттӕ кӕны хӕстмӕ, ме ’нгуылдзтӕ — хӕцӕнгарзыл хӕцынмӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ ныхӕстӕ, бамбар мын мӕ уынӕргъын!


уымӕн ӕмӕ знаджы хъӕлӕс хъусын. Мӕ фыдгултӕ мӕ ссӕндынц, мӕнг даутӕ мыл ӕххуырсынц. Мӕстӕй судзгӕйӕ, тох кӕнынц мӕ ныхмӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг Йедутунӕн. Йедутуны мелодимӕ гӕсгӕ. Давиды псалом.


Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой, Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн.


Дӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты адӕмтӕ, Ды сӕ сӕрмӕ, бӕрзонд, Дӕ паддзахы бадӕны ӕрбад!


Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый Йӕ иузӕрдион адӕмӕн сабыр цардӕй зӕрдӕ ӕвӕры. Ӕрмӕст ныууадзӕнт се ’нӕсӕрфат митӕ.


Корахы фыртты псалом. Зарӕг. Дунедарӕг Йӕ сахарӕн уаз хохыл ӕрӕвӕрдта бындур.


Дунедарӕг адӕмты сфысты ныффысдзӕн: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым.»


Дзурын ӕз: ӕнусон у Дӕ хорзӕх, Дӕ иузӕрдиондзиад айтыгътай уӕлӕрвты. [Хуыцау:]


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan