Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 11:7 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 11:7
20 Iomraidhean Croise  

Уый арв ӕрбамбӕрзы мигътӕй, зӕххыл къӕвда ӕруадзы, хӕхтыл кӕрдӕг ӕрзайын кӕны.


Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.


Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.


Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.


Ӕз агуырдтон Дунедарӕджы, ӕмӕ мын Уый дзуапп радта, бахызта мӕ, тас мын цӕмӕй уыд, ӕппӕт уыдӕттӕй.


Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!


Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ: Хуыцауы хъӕлӕс райхъуысти, ӕмӕ зӕхх атади.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.


Ӕмӕ уӕд ныццин кӕндзысты, Ды йӕ хъахъхъӕнӕг кӕмӕн дӕ, уыдон се ’ппӕт дӕр, фыр цинӕй зардзысты ӕнустӕм, сӕ сӕрхъуызой Ды кӕй дӕ, ууыл. Дӕ ном чи уарзы, уыдонӕн сӕ цины сӕр Ды дӕ.


Мӕ уарт — Хуыцау, рӕстзӕрдӕты Ирвӕзынгӕнӕг!


Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст, мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!


Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan