Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 7:2 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Цинтӕм цӕуынӕй, мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Цинтӕм цӕуынӕй мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 7:2
29 Iomraidhean Croise  

Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.


Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у.


Ӕдылыйы дӕр ӕмӕ зондджыны дӕр ничи мысы ӕнусмӕ, фидӕны сӕ дыууӕйы дӕр ферох кӕндзысты. Уӕдӕ цымӕ афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕдылыйау куыд ӕрбамӕлы?


Уымӕн ӕмӕ сын иу фидӕн ис: фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр мӕлынц, иу уӕлдӕфӕй улӕфынц, адӕймаг фосӕй хуыздӕр ницӕмӕй у. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фесӕфдзысты.


Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.


Иннӕтӕ та, дыууӕ мин азы куы фӕцӕрой, фӕлӕ амонд куынӕ бавзарой, уӕддӕр уыциу ранмӕ цӕуынц.


Алкӕуыл дӕр алцыдӕр ӕрцӕуы: рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыныл; сыгъдӕг ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, ууыл; нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи нӕ хӕссы, уыдоныл; сомыгӕнджытыл ӕмӕ, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уыдоныл.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan