Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 6:2 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 6:2
24 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


Дӕ Кувӕндон Дын басыгътой, Дӕ номы цӕрӕн фӕчъизи кодтой.


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


кӕмӕндӕр — нӕ ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!


фӕлӕ йӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал вӕййы, йӕ мулк ӕрбайсӕфы, ӕмӕ йӕ фыртӕн бынтӕ нӕ ныууадзы.


Цӕрӕнбонты хӕры талынджы, бирӕ хӕрамдзинад, рыст ӕмӕ зӕрдӕхудтытӕ бавзары.


Хуыцау искӕмӕн хъӕздыгдзинад куы ратты, йӕ къухвӕллойыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг куы вӕййы, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Хуыцау стыр лӕвар ракодта.


Ахӕм адӕймаг йӕ ивгъуыдыл арӕх нӕ хъуыды кӕны, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan