Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 4:8 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 кӕмӕндӕр — нӕ ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 кӕмӕндӕр нӕ — ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 4:8
21 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕхи аккаг ӕххуысгӕнӕг».


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


Дӕуӕн нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтӕ фӕндон нӕ уыдысты, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ нӕ бацагуырдтай — мӕ хъустӕ мын байгом кодтай хъусынӕн.


Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.


Дуне ӕмызмӕлд кӕны; алцы дзурынӕй бафӕллайӕн ис, алцы цӕстӕй фенӕн нӕй, алцӕмӕ нӕй байхъусӕн.


Уый бӕрц фӕтухӕнтӕ кӕн, дӕ зонд, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ арӕхстдзинад ма бавгъау кӕн, ӕмӕ стӕй дӕ фӕллӕйтӕ кӕмӕндӕр лӕвар баззайӕнт. Ӕмӕ та уый фӕстӕ уыдӕттӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый стыр бӕллӕх у!


Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы.


Ноджы ма иу ӕнӕпайда ӕмӕ, чи аивгъуыйы, ахӕм хъуыддаг федтон зӕххыл:


Бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд дӕ алыварс, чи дын ӕй хӕра, ахӕмтӕ бирӕ фӕзындзӕн. Цы пайда ис хъӕздыг лӕгӕн йӕ мулкӕй? Дӕ исбон цас фылдӕр кӕна, уыйас фӕлхасгӕнджытӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕндзысты.


Ӕхца чи уарзы, уымӕн фаг никуы уыдзысты, хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уымӕн йӕ зыд зӕрдӕ нӕ бафсӕддзӕн. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan