Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 2:16 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Ӕдылыйы дӕр ӕмӕ зондджыны дӕр ничи мысы ӕнусмӕ, фидӕны сӕ дыууӕйы дӕр ферох кӕндзысты. Уӕдӕ цымӕ афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕдылыйау куыд ӕрбамӕлы?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ӕдылыйы дӕр ӕмӕ зондджыны дӕр ничи мысы ӕнусмӕ, фидӕны сӕ дыууӕйы дӕр ферох кӕндзысты. Уӕдӕ, цымӕ, афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕдылыйау куыд ӕрбамӕлы?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 2:16
17 Iomraidhean Croise  

Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ, ливайнаг кедртӕ — Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыдон.


хъӕды алы сырд дӕр Мӕн у, мингай хӕхтыл фос иууылдӕр Мӕн сты.


Дӕу у арв, Дӕу у зӕхх дӕр; Ды сфӕлдыстай дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон.


Кӕддӕр чи царди, уыцы фӕлтӕрты абоны фӕлтӕр нӕ хъуыды кӕны, фидӕны чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр сӕ байзӕддагӕй ферох уыдзысты.


Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у.


Мӕхинымӕр загътон: «Уӕдӕ ахӕм куырыхон цӕмӕн сдӕн? Мӕнмӕ дӕр ӕмӕ ӕдылымӕ дӕр иу фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы». Ӕмӕ та загътон: «Куырыхондзинад дӕр аивгъуыйы».


Уӕдӕ куырыхонтӕ ӕдылытӕй цӕмӕй хуыздӕр сты? Мӕгуыр лӕгӕн царды мидӕг йӕ зондӕй цы пайда ис?


Цинтӕм цӕуынӕй, мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна.


Ӕз федтон, фыдгӕнджыты кадимӕ куыд ныгӕдтой, уый. Адӕм куыддӕр уаз бынатӕй раздӕхынц, афтӕ фыдгӕнджытӕн, фыдбылызтӕ цы сахары арӕзтой, уым сӕ кой ферох вӕййы. Уыдӕттӕ дӕр тагъд аивгъуыйынц!


Сахары иу мӕгуыр, фӕлӕ куырыхон лӕг разынд ӕмӕ йӕ куырыхон зонды фӕрцы сахар фервӕзын кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сахары хъуыдыгӕнӕг нӕ уыди.


Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan