Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 9:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 9:8
39 Iomraidhean Croise  

Кӕд Дунедарӕг ӕркӕсид, къӕхты бын мӕ куыд кӕнынц, уымӕ, ӕмӕ мын абоны ӕлгъыст хорзӕн фӕкӕнид».


— Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.


Йӕ паддзахиуӕджы заман Иудеймӕ ӕд ӕфсад ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор, ӕмӕ Иоаким йӕ дӕлбар балӕууыд. Ӕртӕ азы йын фӕлӕггад кодта, стӕй йын нал уисӕн кодта.


Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.


сӕ цард-цӕрӕнбонты хъизӕмар кӕй не ’взарынц, сӕ амӕлӕты онг сӕ хъару кӕй нӕ сӕтты, уый уынгӕйӕ.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Израилӕгты дзыназын Мӕм сыхъуыст, федтон, мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый.


Ма тӕрс, ӕвиппайды цы бӕллӕх ӕрцӕуы, уымӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц, уыцы фыдбылызӕй,


Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.


Маргъ йӕ ахстоны сӕрмӕ ратӕх-батӕх куыд байдайы, йӕ лӕппынты бӕллӕхӕй бахизыны охыл, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр бахиздзӕни Йерусалим, бахъахъхъӕндзӕн ӕй, ныббардзӕн ын ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕндзӕн».


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.


Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.


Сындӕг-иу рацӕут, тындзгӕ цыдӕй нӕ, фӕлӕ. Ма-иу разгъорут, уымӕн ӕмӕ уыл разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр ауддзӕни Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.


Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.


Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.


Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн фехъусын кодта, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй ӕрбабырсдзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх кӕй сафтид кӕндзӕн, уый.


Мысыры бӕстӕйы, мысыраг фараон Нехойы ӕфсады тыххӕй. Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕй вавилойнаг паддзах Навуходоносор Каркемишы, Евфраты доны был, ныддӕрӕн кодта.


Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».


Сӕхи зӕххыл сын ауадздзынӕн сӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ничиуал срӕдувдзӕн, Ӕз сын кӕй радтон, уыцы зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Хуыцау.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн.


Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.


Цӕрдзысты дзы адӕм, ӕлгъыстаг нал фӕуыдзӕн, Йерусалим уыдзӕнис ӕдас.


Сӕ дзыхтӕ сын ссыгъдӕг кӕндзынӕн тугӕй, сӕ дӕндӕгтӕ — алы ’лгъӕгтӕй. Чи сӕ фервӕза, уыдон дӕр, Иудӕйы иннӕ мыггӕгтау, суыдзысты Хуыцауы исбон, Екрон йевусӕгты хуызӕн суыдзӕни.


Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.


Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan