Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 9:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ашдоды ӕрцӕрдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ, Ӕз бассӕнддзынӕн сӕрыстыр филистимӕгты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 9:6
13 Iomraidhean Croise  

Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!


Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.


Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!


Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна.


Ашдоды зӕххыл дӕр, паддзахы бадӕны чи рабадт, уый, стӕй Ашкелоны паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Мӕ къух сисдзынӕн Екронмӕ, филистимӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдон цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ахӕм ӕфхӕрд баййафдзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы адӕмӕй хынджылӕг кӕй кодтой ӕмӕ сӕм ӕнӕввӕрсонӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй.


Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн, Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй, быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.


Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн.


Сӕ дзыхтӕ сын ссыгъдӕг кӕндзынӕн тугӕй, сӕ дӕндӕгтӕ — алы ’лгъӕгтӕй. Чи сӕ фервӕза, уыдон дӕр, Иудӕйы иннӕ мыггӕгтау, суыдзысты Хуыцауы исбон, Екрон йевусӕгты хуызӕн суыдзӕни.


Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan