Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дунедарӕг ын байсдзӕн йӕ исбон, йӕ мулк ын денджызмӕ фехсдзӕн, йӕ сахар та йын арты хай бакӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 9:4
14 Iomraidhean Croise  

Мӕнг хъуыддӕгты фӕрцы дӕ къухы цы хӕзнатӕ бафтой, уыдонӕй пайда нӕй; раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд мӕлӕтӕй фервӕздзынӕ.


Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа, уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн, фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.


Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.


Сисдзысты дыл хъарӕг: „Уӕ, куыд бабын дӕ, кадджын сахар, денджызонты цӕрӕн бынат! Денджызы астӕу хъомысджын куы уыдтӕ — цы дӕхӕдӕг, цы дӕ цӕрджытӕ. Денджызгӕрон адӕмтӕ ӕмризӕджы куы рызтысты дӕ разы.


Дӕ базайрӕгтӕн нал уыди ныккӕнӕн, ӕмӕ ды байдзаг дӕ фыдракӕндтӕй, тӕригъӕд ракодтай. Фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз Хуыцауы хохӕй раппӕрстон, цӕхӕркалгӕ дурты ’хсӕнӕй фӕсырдтон дӕу — хъахъхъӕнӕг херувимы.


Дӕ бирӕ ӕнаккаг митӕй, дӕ фӕлывд сӕудӕджеры куыстӕй дӕ уаз бынӕттӕ фегад кодтай ды. Дӕ сахарыл дын бандзардзынӕн арт, ӕмӕ дӕ уый аныхъуырдзӕн: сау фӕнык дӕ фестын кӕндзынӕн зӕххыл, чи дӕм кӕса, ӕппӕт уыдоны раз.


Адӕймаджы фырт! Зӕгъ Тиры хицауӕн: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: ды дӕхиуыл фервӕссыдтӕ ӕмӕ загътай: „Ӕз хуыцау дӕн ӕмӕ бадын хуыцауы бадӕны, фурды астӕу“. Афтӕмӕй, Хуыцау нӕ, фӕлӕ адӕймаг уӕвгӕйӕ, дӕ зонд Хуыцауы зонды ӕмвӕз ӕвӕрыс.


Дӕлдзӕхмӕ дӕ ныппардзысты, ӕмӕ, тыхмард кӕй акӕнынц, уыдонау фурды астӕу амӕлдзынӕ.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты уын иудейӕгты къухтӕм ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уыдон савайӕгтӕн, уӕ зӕххӕй дард цы адӕм цӕрынц, уыдонӕн ауӕй кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan