3 Тир йӕхицӕн фидӕрттӕ сарӕзта, рыгау ӕм сбирӕ ис ӕвзист, цъыфау — сыгъзӕрин.
стӕй ацыдысты Тиры фидармӕ, дарддӕр та хиввӕгты ӕмӕ ханаанӕгты ӕппӕт сахартӕм; ӕппынфӕстаг ахӕццӕ сты хуссар Иудеймӕ, Беер-Шевӕйы сахармӕ.
Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди.
Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы арӕх уыди хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.
Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.
Йӕ рӕбыны уал ӕвзист ӕрӕфснайӕд фӕныкау, йӕ дарӕс сбирӕ уӕд ӕлыгау.
йӕ сыгъзӕринтӕн ныккӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзар ӕвзистӕй чи байдзаг кодта, уыцы бонджын ӕлдӕрттимӕ.
Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.
Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй, паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста, йӕ базаргӕнджытӕ-иу барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы, йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ, уыцы сахары тыххӕй?
Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.
Де сӕфты бон дӕ исбон, дӕ денджызонтӕ, дӕ наутӕрджытӕ, дӕ науӕмпъузджытӕ, дӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дӕ хӕстонтӕ — дӕ адӕм иууылдӕр денджызы бын фӕуыдзысты.
Денджызты сӕудӕджер кӕнгӕйӕ, ды бирӕ адӕмты ӕфсӕстай. Ныккӕнӕн дын цы исбонӕн нӕ уыд, уымӕй-иу сыхаг паддзӕхты схъӕздыг кодтай.
Фӕлӕ дӕ ныр ныппырх кодтой денджызы уылӕнтӕ, де ’ппӕт исбон, де ’ппӕт адӕм фурды бын куы фесты.
Дунедарӕг мын загъта:
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой.
дарддӕр фӕзылд Рамамӕ, бацыди фидар сахар Тиры онг, фӕзылди Хосамӕ ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттыл банцад. Уымӕй уӕлдай Асиры зӕххытӕм хаудтой Махалав, Ахзив,