2 ӕввахс сӕм чи у, уыцы Хамат дӕр, стӕй Тир ӕмӕ хинӕйдзаг Сидон дӕр.
«Ацу сидойнаг сахар Сарептӕмӕ ӕмӕ уал уым цӕр. Ӕз уым иу идӕдз усӕн загътон, ӕмӕ дӕ уый хӕрд ӕмӕ нозтӕй цух нӕ уадздзӕн».
Фараон Нехо йӕ Ривлайы сахары, Хаматы зӕххыл, уацары райста, ӕмӕ ууыл йӕ паддзахиуӕг ахицӕн Йерусалимы. Нехо Иудейӕ ӕрдомдта ивар: ӕвзисты сӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины иу талант.
Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.
Тир ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;
Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.
Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.
Дунедарӕг мын загъта:
«Адӕймаджы фырт! Хъарӕг кӕн Тиры паддзахыл ӕмӕ йын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Алцӕмӕй ӕххӕст уыдтӕ ды, ӕвидигӕ — дӕ уӕлзонд, тӕмӕнкалгӕ — дӕ фидауц.
Хамат, Берота, Дамаск ӕмӕ Хаматы ’хсӕн лӕууӕг сахар Сивраимыл бахиз Хавраны ӕмарӕн лӕууӕг сахар Хацер-Тихонмӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.
Тагъд уын Ӕз, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ ныхмӕ ахӕм адӕмы сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ Лево-Хаматӕй суанг Аравы онг ассӕнддзысты!
Ӕмӕ Израилы хӕстонтӕй уымӕй размӕ сӕ зӕххӕй хаст чи ’рцыди, уыдон Ханааны зӕхх Сарептӕйы онг бацахсдзысты. Йерусалимӕй кӕй ракодтой ӕмӕ ныр Сефарады чи цӕры, уыдон та райсдзысты хуссайраг сахартӕ.
Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.