Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 9:1
22 Iomraidhean Croise  

Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг.


О нӕ Хуыцау! Дӕхӕдӕг сын тӕрхонгӕнӕг фӕу! Уымӕн ӕмӕ махмӕ хъару нӕй уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдты ныхмӕ ӕрлӕууынӕн. Ницыуал зонӕм нӕ сӕрӕн, Дӕумӕ у нӕ каст!»


Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.


Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.


О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.


Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.


Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».


Дунедарӕг Малахиайы уылты Израилӕн хъусын кӕны рагуац:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan