7 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ адӕмы скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны бӕстӕтӕй,
Денджыз сӕ уындӕй фӕлыгъди, Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыди.
Уымӕн ӕмӕ дын Уый дӕ кулдуары ӕвдузӕнтӕ фидар кӕны, дӕ фырттӕн дын арфӕ кӕны!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».
Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.
Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се ’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты.
Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн иннӕ адӕмтӕй, раздахдзынӕн уӕ, цы зӕххытыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй, ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уӕ тӕригъӕдтӕй уӕ куы ссыгъдӕг кӕнон, сахарты уӕ куы ’рцӕрын кӕнон ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй арӕзт куы ’рцӕуой,
Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн.
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
уӕд уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ныххатыр кӕндзӕн, уӕ раздӕры ӕдыхст цард уын фӕстӕмӕ раздахдзӕн, дунейы адӕмты ’хсӕнӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн,