4 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: зӕронд лӕгтӕ ӕмӕ зӕронд устытӕ ногӕй сӕ лӕдзджыты ’нцой Йерусалимы фӕзты баддзысты;
Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.
Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.
стӕй фӕстӕдӕр куы рабада ӕмӕ уынгмӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуын куы райдайа, уӕд йӕ ныццӕвӕг ӕфхӕрд ма баййафӕд, фӕлӕ йын, йӕ куыстӕй йӕ цы рӕстӕг бакъуылымпы кодта, уый ӕмӕ йе сдзӕбӕх кӕныны аргъ бафидӕд.
Чызджытӕ, лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ, цингӕнгӕйӕ, иумӕ кафдзысты. Сӕ маст сын баивдзынӕн цинӕй, басабыр сӕ кӕндзынӕн, хъыджы бӕсты сын хъӕлдзӕгдзинад ратдзынӕн.
Иудей ӕмӕ йе ’ппӕт сахарты ӕрцӕрдзысты адӕм, зӕхкусджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ.
афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты.
Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,
Ӕрхӕстӕг кӕны, дӕ рахиз цонг — дӕ бинонты нуар дын цы бон атӕхын кӕндзынӕн, уый: дӕ цотӕй зӕронды кармӕ ничи фӕцӕрдзӕн!
Хӕлӕггӕнгӕ кӕсдзынӕ Израилы амондмӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕй зӕры бонмӕ ничиуал хӕсдзӕн.