Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 8:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 8:23
35 Iomraidhean Croise  

Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕрдӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу-дӕс хатты.


уый та-иу мӕ афӕлывта, иу-дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.


Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Иорданмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ ацыдысты.


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.


Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕмы, стӕй ма, сӕ зӕххытӕм сын Ефрем, Менассиа ӕмӕ Симеоны адӕмӕй чи ӕрбалыгъди, уыдоны. Израилы адӕмӕй йӕм бирӕтӕ ӕрбалыгъдысты, уымӕн ӕмӕ федтой, Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, йемӕ кӕй ис, уый.


Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.


Ныридӕгӕн мӕ иу-дӕс хатты уӕ уайдзӕфты бын фӕкодтат ӕмӕ уӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы.


Цы дӕм ис, уый авд дихы акӕн ӕмӕ дӕ исбон алыхуызон авд хъуыддаджы бавӕр — зӕххыл ӕвзӕрӕй кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны.


Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл, йе ’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у, ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»


Уӕд авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Нӕхицӕн къӕбӕр ӕмӕ дарӕс нӕхӕдӕг амал кӕндзыстӕм, ӕрмӕст нӕ дӕхицӕн устытӕ скӕн, худинагӕй нӕ фервӕзын кӕн».


Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ, сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын.


Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ цӕуын алы адӕмты, алы ’взӕгтыл чи дзуры, уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. Ӕрцӕудзысты уыдон ӕмӕ Мын фендзысты Мӕ кад.


Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.


Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.


Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,


Сылгоймаг чъылдымы ’рдыгӕй бацыди Йесомӕ, Йӕ пӕлӕзы хаутыл Ын бандзӕвыд, ӕмӕ йӕ туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад.


Рынчынтыл-иу ӕрӕвӕрдтой Павелы къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ раздарӕнтӕ, ӕмӕ-иу адзӕбӕх сты сӕ низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу рацыдысты сӕ хуылфӕй.


Раргом уыдзысты йӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ, ӕмӕ уӕд ныддӕлгом уыдзӕн зӕххыл, бакувдзӕн Хуыцаумӕ ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Хуыцау ӕцӕгдӕр уемӕ ис».


Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan