22 Ӕмӕ Йерусалиммӕ бирӕ знӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын адӕмтӕ ’рбацӕудзысты, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕрцагурой Йерусалимы ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скувой.
Ӕз ӕфхӕрд дӕн ӕмӕ хъизӕмар кӕнын, фӕлӕ мын Ды, Хуыцау, баххуыс кӕндзынӕ, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕндзынӕ.
Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом.
Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.
Дунедарӕг уыцы хохыл, ӕппӕт адӕмты цы ’мбӕрзӕн ӕрбатыхта, цы фӕлм сӕ ӕхгӕны, уый фесафдзӕн;
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз Мӕ къухӕй адӕмтӕн равдисдзынӕн нысан, ӕрсадздзынӕн Мӕ тырыса, цӕмӕй йӕ алы адӕмтӕ уыной, ӕмӕ дын дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджыты сисой сӕ къухтӕм ӕмӕ се уӕхсчытӕм ӕмӕ дын сӕ ӕрбахӕссой.
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».
Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат иууылдӕр цӕудзысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.
Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.
Уый бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕни, дардбӕстаг знӕмтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн: уыдон стайын кӕндзысты сӕ кӕрдтӕ ӕмӕ сӕ сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Иу адӕмыхатт иннӕмӕ кард нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцыныл нал ахуыр кӕндзысты.
Ӕз ӕппӕт адӕмты ныууигъдзынӕн, ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ иууылдӕр ардӕм ӕрбакӕлдзысты, ацы Хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй.
Уый фӕстӕ, Йерусалимы ныхмӕ цы адӕмтӕ тох кодтой, уыдонӕй ма чи аирвӕза, уыдон ӕрвылаз цӕудзысты Йерусалиммӕ — Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ бакувынмӕ, стӕй Халагъудты бӕрӕгбонмӕ.
Иу сахары цӕрджытӕ иннӕмӕ цӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувӕм, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕрцагурӕм». Ӕмӕ фехъусдзысты ахӕм дзуапп: «Ӕз дӕр уемӕ! Цӕуын ӕз дӕр!»
Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».
Адӕмтӕ цӕрдзысты сахары рухсмӕ, зӕххон паддзӕхтӕ йӕм ӕрхӕсдзысты сӕ кад.