Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 8:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ӕрбацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ бирӕ сахарты цӕрджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 8:20
31 Iomraidhean Croise  

Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, чи нӕ уа, ахӕм исчи, ӕддагон, дард бӕстӕй Дӕ номы сӕраппонд куы ӕрбацӕуа, —


уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн, цӕй тыххӕй Дӕм скува, уый, цӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ базоной Дӕ ном, аргъуыц Дын кӕной, Дӕ адӕмау, Израилау, цӕмӕй базоной, кӕй Дын сарӕзтон, уыцы Кувӕндон Дӕ ном кӕй хӕссы, уый.


Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн Йе ’ппӕт фӕлдисӕндтӕ — Йӕ паддзахады кӕмдӕриддӕр. Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Хуыцауӕн.


цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.


Цӕргӕбонты нӕм Дӕ маст нӕ сысы, ӕмӕ нӕ азтӕ иунӕг уысмау атӕхынц.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».


Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».


О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.


Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».


Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».


цӕмӕй Мӕ адӕм бацахсой, едомӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, стӕй ӕппӕт ӕцӕгӕлон адӕмты зӕххытӕ ӕмӕ сӕ бакӕной мӕ дӕлбар, — зӕгъы Дунедарӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи сӕххӕст кӕндзӕн, Уый.


Уый бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕни, дардбӕстаг знӕмтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн: уыдон стайын кӕндзысты сӕ кӕрдтӕ ӕмӕ сӕ сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Иу адӕмыхатт иннӕмӕ кард нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцыныл нал ахуыр кӕндзысты.


Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.


Симон нын радзырдта, Хуыцау райдианы муртаттӕгтӕм куыд ӕркасти, уый, цӕмӕй Йӕхицӕн уыдонӕй адӕм сӕвзара.


ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы Чи раргом кодта, Уый“.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan