Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сабырӕй байтаудзысты сӕ хуымтӕ, сӕнӕфсиры талайыл гагатӕ равзӕрдзӕн, зӕхх тыллӕг ратдзӕнис, арвӕй ӕртӕх ӕрызгъӕлдзӕн. Ӕмӕ уыдӕттӕ Ӕз иууылдӕр, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ратдзынӕн исбонӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 8:12
39 Iomraidhean Croise  

Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд!


Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


ӕдзӕсгӕмттӕм бахӕлӕг кодтон, ӕнаккӕгтӕ цардӕй къӕртт куыд ӕппарынц, уымӕ кӕсгӕйӕ,


Зӕрдӕбынӕй Дӕ стаудзынӕн ӕмӕ мыггагмӕ кад кӕндзынӕн Дӕ номӕн, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!


Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.


Хуыцау уын уӕ хоры хуымтӕн ратдзӕни къӕвда, стӕй уӕ бафсаддзӕни дзаджджын тыллӕгӕй, ныккӕнӕн дӕр нӕ уыдзӕни уӕ хортӕн.


Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.


Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.


Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни.


Ӕрбакӕндзынӕн уӕм Мӕ адӕм Израилы, ӕмӕ уын уыдон ӕлдариуӕг кӕндзысты. Сӕ исбон бауыдзыстут ӕмӕ сын сӕ зӕйц нал сафдзыстут.


Сбирӕ кӕндзынӕн дыргъ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад дӕр, цӕмӕй уын уе стонджы тыххӕй мауал фидис кӕной ӕцӕгӕлон адӕмтӕ.


Ӕз уӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом, ӕмӕ уӕ бахуым кӕндзысты ӕмӕ байтаудзысты.


Уымӕ гӕсгӕ уыдон райсомы мигъӕй, ӕртӕхӕй уӕлдай нал уыдзысты; мусы зыгуымау, тохынайы фӕздӕгау ӕрбайсӕфдзысты.


«Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.


Дзуапп сын ратдзӕнис ӕмӕ зӕгъдзӕн Йӕ адӕмӕн: «Хор, сӕн ӕмӕ уын сой ратдзынӕн, бафсаддзыстут уӕхи. Ӕцӕгӕлон адӕмтӕн уӕ хынджылӕггаг никуыуал скӕндзынӕн.


Ма тӕрсут, цӕрӕгойтӕ — тыгъд быдыры сӕрвӕтты ногӕй кӕрдӕг ӕрзайдзӕнис, бӕлӕстыл дыргътӕ фӕзындзысты, легъуитӕ ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ дыргъӕй нал зындзысты.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнувыдӕй куы ӕххӕст кӕнат,


Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.


Арв дӕр уын йӕ доны ’ртах уымӕн нал радта, ӕмӕ уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзад.


Ӕрымысут-ма ӕрӕджыйы заман — фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй абоны онг, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ цы рӕстӕг рацыди, уый. Ӕркӕсут лӕмбынӕг!


Уӕ хордӕтты ма хоры мыггаг баззади? Сӕнӕфсиры талатӕ, гранат, легъуи ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ абоны онг дыргъ нӕма радтой. Фӕлӕ сыл нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ уадздзынӕн».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдон абон ацы ныхӕстӕ, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддагыл нымайынц, фӕлӕ Мӕнӕн Мӕ бон саразын цы нӕу? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уӕ зӕххы бӕркад уын чи ныхъуыры, уыдоны Ӕз бауромдзынӕн, уӕ сӕнӕфсиртӕ быдырты ӕнӕ дыргъӕй нал баззайдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Уӕдӕ адӕймаджы ма стаут, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр сымах у:


Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.


Йосефы тыххӕй загъта: „Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг суадӕтты донӕй;


Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.


Уыцы дыргътӕ сты, фарнимӕ чи тауы, уыцы фидауынгӕнджыты рӕстады мыггагӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan