10 Ныронг нӕдӕр фос, нӕдӕр адӕймаджы куыстӕн фидын никӕй бон уыди, алы цӕуӕджы алырдыгӕй хъахъхъӕдтой знӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз адӕмы кӕрӕдзимӕ сфыдӕх кодтон.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.
Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.
Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?
Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».
Кӕсут-иу, амӕй фӕстӕмӕ цы уыдзӕни, уымӕ. Дунедарӕджы Кувӕндоны дур дурыл ӕвӕрд куы нӕма ’рцыди,
Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ, зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ — Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц! Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!