6 Хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ куы фӕкӕнут, уӕд уӕхи тыххӕй нӕ фӕхӕрут, уӕхи тыххӕй нӕ фӕнуазут?
Уыцы бон тынг зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Дунедарӕджы раз. Дыккаг хатт паддзахӕй расидтысты Давиды фырт Соломоны; байсӕрстой йӕ, цӕмӕй ӕлдариуӕг кӕна Дунедарӕджы номыл, Цадокы та байсӕрстой сауджынӕй.
Уӕ фыстӕй Мын нӕ хастат иууылсудзинаг, ницы нывӕндтӕ Мын кодтат Мӕ кадӕн. Нӕ уӕ домдтон Мӕхицӕн хойраджы хуынтӕ, нӕ уӕ тыхсын кодтон, буд Мын судзут, зӕгъгӕ.
Хъаст кӕнынц, Дӕ сӕраппонд, дам, ком куы дарӕм, ӕмӕ нӕм Ды кӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕныс, сӕрныллӕг нӕхи куы кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Ды хъуыды дӕр куы нӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сымах, ком даргӕйӕ, ӕрмӕст уӕхи фӕнд тӕрут, уе ’ххуырстыты иууылдӕр тухӕнӕй марут.
Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.
Дунедарӕджы номыл нал ӕркалдзысты сӕн, сӕ нывӕндтӕ Йын нал уыдзысты ӕхцон, хӕрнӕджы хойрагау суыдзысты — чи дзы фӕхъӕстӕ уа, уый фӕчъизи уыдзӕн. Сӕ хойраг ӕрмӕст — сӕхи бафсадынӕн, Дунедарӕджы размӕ йын хӕссӕн нӕй.
«Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат?
Йерусалим адӕмӕй йедзаг ӕмӕ сабыр куы уыди, стӕй йӕ алыварс сахартӕ Негев ӕмӕ Шефелайы дӕр адӕм куы цардысты, уӕд Дунедарӕг Йӕ раздӕры пехуымпарты уылты адӕттӕ нӕ хъусын кодта?“»
Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.
Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.
Ӕмӕ балхӕн уыцы ӕвзистӕй, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ: стуртӕ ӕмӕ фысвос, сӕн ӕмӕ бӕгӕны, цы дӕ фӕнда, уый ӕмӕ цӕл кӕн уым Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, де ’ппӕт бинонтимӕ.
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».